Къуырисæр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къуырисæр у къуырийы бон , хуыцаубон æмæ дыццæджы ’хсæн. Иуæй-иу бæстæты нымад у къуырийы фыццаг боныл, æндæрты та ? дыккаг боныл.

Рагон иудейаг традицимæ гæсгæ къуырийы фыццаг бон уыд хуыцаубон, фæстаг та ? сабат (æвдæм бон).

Таджикистаны сæйраг сахар Душанбейы ном таджикаг æмæ персайнаг æвзæгтæй ратæлмацгæнæн ис куыд ≪къуырисæр≫ (таурæгътæм гæсгæ уыцы ран алы къуырисæр стыр базар уыд, æмæ уый охыл ацы сахар дæр афтæ схуыдтой).

Православиейы Стыр мархойы фыццаг къуырисæр Сыгъдæг къуырисæр хуыйны ? æнæхъæн боны дæргъы уырнджытæн хæрæн нæй.

Дыгурон диалекты къуырисæрæн ис хицæн дзырд ? авдисæр (ома, ≪авды сæр≫).