Дыккаг дунеон хæст

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дыккаг дунеон хæсты цаутæ (галиу уæлдæр нывæй сахаты фатæгмæ гæсгæ): цæдисонтæ рахизынц Нормандийы ( Бон Д ); Сырх Æфсады салдаттæ сæвардтой Уæлахизы Тырыса Рейхстаджы сæр; концентрацион лагерь Освенцимы кулдуар; Сталинград тохы фæстæ; атомон срæмыгъд Нагасакийы ( 1945 ); нацистты марш Нюрнберджы ( 1936 ).

Дыккаг дунеон хæст ( 1939 ? 1945 ) уыд адæймагады историйы стырдæр хæст . Уыцы хæст схуыдтой ≪дунеон≫ уый тыххæй æмæ йæ дæргъы тох кодтой алы континенты бæстæтæ дæр, хæсты фæмардис 50?70 милуан адæймаджы.

Хæст райдыдта 1939-æм азы 1 сентябры , Герман Польшæмæ куы балæбурдта, уæд. Уыцы боны агъоммæ дæр æрцыдис ахсджиаг цаутæ: Аншлюс æмæ Чехийы оккупаци .

Советон историографийы Дыккаг дунеон хæсты хай, Герман йæ цæдисонтимæ Советон Цæдисы ныхмæ куы балæбурдтой, рахуыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæст .

Кæс [ ивын | Бындур ивын ]