Стамбу?л
(
тур.
?stanbul
), зындгонд у куыд
Константинополь
дæр (
гр.
Κωνσταντινο?πολι?
) у
Турчы
тæккæ дынджырдæр
сахар
,
Византия
æмæ
Османты империйы
кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у
Европæйы
стырдæр сахар. Стамбул лæууы
Босфоры
былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.
Турчы кæддæры сæйраг сахар,
1923-æм азæй
фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у
Анкара
). Ныры ном (?stanbul) йын официалон æгъдауæй радтой
1930-æм азы
.
Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ
[
ивын
|
Бындур ивын
]
Европæ:
Ази:
Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты:
Стамбулы университет
,
Стамбулы техникон университет
,
Мармарæ
æмæ
Богазичийы университет
. Стæй ма Стамбулы ис
Стамбулы экономикæйы академи
,
Уæлдæр техникон скъола
,
Аивады академи
,
Стамбулы консерватори
æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.
Сахары архайынц цалдæр зонадон æхсæнады:
Турчы медицинон æхсæнад
,
Турчы биологон æхсæнад
,
Турчы химион æхсæнад
. Сахары стырдæр библиотекæтæ сты
Стамбулы университеты библиотекæ
æмæ
Стамбулы техникон университеты библиотекæ
,
Сулейманиейы библиотекæ
,
Баязиды библиотекæ
.
Сахары сæйрагдæр музейтæ:
Æрвхуыз мæзджыт
,
Сулейманиейы мæзджыт
,
Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей
,
Стамбулы археологон музей
,
Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей
,
Топкапыйы галуаны музей
,
Мозаикæйы музей
,
Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей
æмæ æндæртæ.
Стамбул у
Турчы
экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.
Стамбул у
Европæйы
стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.
Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты ?
Ататюрчы аэропорт
(IST) (Ataturk International Airport) æмæ
Сабиха Гёкчены номыл аэропорт
(SAW) (Sabiha Gokcen International Airport).
Стамбулы кусы
метрополитен
.
- ↑
1,0
1,1
https://data.tuik.gov.tr/Bulten/Index?p=Adrese-Dayali-Nufus-Kayit-Sistemi-Sonuclari-2023-49684
- ↑
https://dergipark.org.tr/tr/download/article-file/652823
- ↑
3,0
3,1
3,2
3,3
3,4
3,5
3,6
http://ankad.org/InstitutionArchiveFiles/4e5b46f6-8c60-e711-80f0-00224d68272d/3f7e4ffc-9160-e711-80f0-00224d68272d/Cilt1Sayi3/41f48d78-9373-4bfc-8a56-6babfd127c48_20180103009.pdf
- ↑
4,00
4,01
4,02
4,03
4,04
4,05
4,06
4,07
4,08
4,09
4,10
4,11
4,12
4,13
4,14
4,15
http://istanbul.yerelnet.org.tr/
- ↑
http://www.ibb.gov.tr/tr-TR/BilgiHizmetleri/Istatistikler/Documents/demografi/t211.pdf
- ↑
6,0
6,1
6,2
http://www.istanbul.gov.tr/nufus-bakimindan-turkiyenin-en-buyuk-kenti-istanbul
- ↑
https://www.sozcu.com.tr/2020/ekonomi/istanbulun-nufusunda-rekor-artis-451-bin-543-5605614/
- ↑
Bunu da gorduk: ?stanbul’un nufusu azaldı
?
Sozcu
.