Стамбул

41°00′36″ с. ш. 28°57′37″ в. д. H G Я O
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
( Константинополь -æй æрвыст)
Сахар
Стамбул
тур. ?stanbul
41°00′36″ с. ш. 28°57′37″ в. д. H G Я O
Паддзахад Турк  Турк
Регион Мармæр денджызы регион
Ил Стамбул
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1453-æм азы 29 майы
Раздæры нæмттæ 330 азы агъоммæ ? Византий
1930 азы агъоммæ ? Константинополь
Фæзуат
  • 5343 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код 212, 216
Посты индекс 34000?34990
ibb.istanbul (турк.)
ibb.istanbul/en (англ.)
Стамбул (Турк)
Стамбул (Мармæр денджызы регион)
Стамбул (Стамбул (ил))
ВикиКъæбицы логотип  Викикъæбицы медиа

Стамбу?л ( тур. ?stanbul ), зындгонд у куыд Константинополь дæр ( гр. Κωνσταντινο?πολι? ) у Турчы тæккæ дынджырдæр сахар , Византия æмæ Османты империйы кæддæры сæйраг сахар. Цæрынц дзы 15 милуан адæймаджы бæрц, уымæй у Европæйы стырдæр сахар. Стамбул лæууы Босфоры былтыл æмæ у дунейы ахсджиагдæр порттæй иу.

Турчы кæддæры сæйраг сахар, 1923-æм азæй фæстæмæ сси хуымæтæджы сахар (ныр бæстæйы сæйраг сахар у Анкара ). Ныры ном (?stanbul) йын официалон æгъдауæй радтой 1930-æм азы .

Стамбулы историон районтæ æмæ сыхтæ [ ивын | Бындур ивын ]

Европæ:

Ази:

Зонад æмæ ахуырад [ ивын | Бындур ивын ]

Стамбул у Турчы зонадон центр. Сахары мидаг ис цалдæр паддзахадон университеты, уыдоны ’хсæн сты: Стамбулы университет , Стамбулы техникон университет , Мармарæ æмæ Богазичийы университет . Стæй ма Стамбулы ис Стамбулы экономикæйы академи , Уæлдæр техникон скъола , Аивады академи , Стамбулы консерватори æмæ æндæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ.

Сахары архайынц цалдæр зонадон æхсæнады: Турчы медицинон æхсæнад , Турчы биологон æхсæнад , Турчы химион æхсæнад . Сахары стырдæр библиотекæтæ сты Стамбулы университеты библиотекæ æмæ Стамбулы техникон университеты библиотекæ , Сулейманиейы библиотекæ , Баязиды библиотекæ .

Культурæ [ ивын | Бындур ивын ]

Музейтæ [ ивын | Бындур ивын ]

Сахары сæйрагдæр музейтæ: Æрвхуыз мæзджыт , Сулейманиейы мæзджыт , Сыгъдæг Софияйы Аргъуаны Музей , Стамбулы археологон музей , Нывкæнынад æмæ скульптурæйы музей , Топкапыйы галуаны музей , Мозаикæйы музей , Туркаг æмæ пысылмон культурæйы музей æмæ æндæртæ.

Экономикæ [ ивын | Бындур ивын ]

Стамбул у Турчы экономикон центр æмæ сæйраг индустрион сахар. Паддзахады стырдæр банктæ, фæсарæйнаг æхсæнæдтæ æмæ агенстæдтæ сты Стамбулы.

Цæрджытæ [ ивын | Бындур ивын ]

Стамбул у Европæйы стырдæр сахар. Сахары цæрынц 15 млн. адæймаджы.

Аз Цæрджытæ
1922 710 286 [2]
1927 806 863 [3]
1935 883 599 [3]
1940 991 237 [3]
1945 1 078 399 [3]
1950 1 166 477 [3]
1955 1 533 822 [3]
1960 1 882 092 [3]
Аз Цæрджытæ
1965 2 293 823 [4]
1970 3 019 032 [4]
1975 3 904 588 [4]
1980 4 741 890 [4]
1985 5 842 985 [4]
1990 7 309 190 [4]
1997 9 198 809 [5]
2000 10 018 735 [4]
Аз Цæрджытæ
2007 12 573 836 [4]
2008 12 697 164 [4]
2009 12 915 158 [4]
2010 13 255 685 [4]
2011 13 624 240 [4]
2012 13 854 740 [4]
2013 14 160 467 [4]
2014 14 377 018 [4]
Аз Цæрджытæ
2015 14 657 434 [4]
2016 14 804 116 [6]
2017 15 029 231 [6]
2018 15 067 724 [6]
2019 15 519 267 [7]
2020 15 462 452 [1]

Транспорт [ ивын | Бындур ивын ]

Стамбул у Турчы стырдæр транспортон æлхынцъ. Ис дзы дыууæ æхсæнадæмон аэропорты ? Ататюрчы аэропорт (IST) (Ataturk International Airport) æмæ Сабиха Гёкчены номыл аэропорт (SAW) (Sabiha Gokcen International Airport).

Стамбулы кусы метрополитен .

Метрополитены станцæ

Фиппаинæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]