Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Альфредо Матиауда Стресснер
(
исп.
Alfredo Stroessner Matiauda
; райгуырд
1912
азы
3 ноябры
Энкарнасьоны
,
Парагвай
? амардис
2006
азы
16 августы
Бразилиайы
,
Бразили
) уыд
Парагвайы
президент
(
диктатор
)
1954
азы
15 августæй
1989
азы
3 февралмæ
.
Стресснер уыд
бавариаг
эмигрант æмæ бынæттон сылгоймаджы фырт.
1929
азы, 17-аздзыдæй, уый бацыдис æфсадмæ æмæ
1931
азы ссис
лейтенант
.
Боливийы
ныхмæ
Чакойы хæст
(
1932
-
1935
) куы уыди, уæд службæ кодта
артиллерийы
.
1948
азы сси Латинаг Америкæйы æрыгондæр
инæлар
,
1954
азæй та ? Парагвайы хотыхджын тыхты командæгæнæг. Уыцы азы
5 майы
паддзахадон фæфæлдæхты сæргъы æрлæууыдис æмæ йæхи схуыдта Парагвайы ног
президент
.
Иннæ диктатортæй хъауджыдæр, Стресснер йæ бæстæйы кодта
æвзæрстытæ
. Афтæ йæ президенты бынатмæ равзæрстой
1958
,
1963
,
1968
,
1973
,
1978
,
1983
æмæ
1988
азты. Уымæн æдзух хъæлæс кодтой æвзæрджытæй 80% фылдæр ? гъе уый тыххæй йæ зылын кæнынц мæнг æвзæрстытæ аразыныл.
Стресснер уыдис æнувыд антикоммунист, æмæ уымæй ссис
Америкæйы Иугонд Штатты
лымæн. Суанг ма
Вьетнаммæ
йе ’фсад арвитын æй фæндыдис,
коммунизмы
ныхмæ хæцынмæ
[4]
.
1979
азы
Никарагуæйы
сандинистты революци
куы фæуæлахиз, Стресснермæ сусæгæй æрбацыдис уымы диктатор
Анастасио Сомоса Дебайле
. Бирæ нæ ахаста ? сандисттæ йæ ссæрдтой æмæ амардтой Парагвайы сæйраг сахар Асунсьоны уынгтæй иуы
1980
азы
17 сентябры
.
Кæд Стресснер даргъ æмгъуыд йæ бæстæйы сæргъы уыд, уæддæр йæ къухы нæ бафтыд амæлæты бонмæ президент уын.
1989
азы
3 февралы
йæ хæстæг хæлæр
Андрес Родригес
паддзахадон фæфæлдæхты фæрцы ссис ног президент. Стресснеры бахъуыдис йæ райгуырæн бæстæйæ алидзын, æмæ уæд æрцарди
Бразилийы
сæйраг сахары. Уый куы тынг базæронд ис, уæд Парагвайы хицауады куырдта, цæмæй йæ бауагъдтаиккой, кæм райгуырдис, уым амæлын, фæлæ йæ нæ бауагътой. Баныгæдтой йæ Бразилийы.