Космос

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Атмосферæйы арæнтæ

Дунейы тыгъдад [1] , космос ( рагон грекъ. κ?σμο?  ? ≪дуне≫, ≪Дун-Дуне≫) ? Дун-Дунейы ахастонæй афтид фадгуытæ, кæдон сты уæларвон буарæгты атмосферæты арæнты ’дде. Арæх фембæлгæ хъуыдыйы ныхмæ зæгъæн ис, æмæ космос нæу бынтон афтид тыгъдад ? ис дзы иуæй-иу хайгуыты тынг ныллæг мæстæгад (донгуыры, арæрхдæр), ноджы ма электромагнитон тынуагъд æмæ æхсæнстъалы буарад. ≪Космос≫ ныхасæн ис цалдæр нысаны. Хатгай космосыл нымад вæййы Зæххы æдде æгас тыгъдад.

Арæнтæ [ ивын | Бындур ивын ]

Дырыс арæн ын нæй, уымæн æмæ атмосферæ тæнæгæй-тæнæгдæр кæны зæххы цъарæй дарддæргæнгæйæ, æмæ ныры онг иумæйаг хъуыды нæй, цы хуындæуа космосы райдианы фактор. Температурæ æнæивгæ куы уыдаит, уæд, экспоненциалон закъонмæ гæсгæ, æлхъывдад уæлденджыз ивдтаит 100 кПа-йæ нулмæ. Æхсæнадæмон авиацион федерацийæ, атмосферæ æмæ космосы ’хсæн кусæн арæнæн, æвзæрст æрцыди 100 км бæрзондад ( Карманы хахх ), уымæн æмæ ацы бæрзæнды, схæцæн аэродинамикон тых сæвзæрынæн, хъæуы, цæмæй тæхæн аппарат змæла фыццаг космосон тагъдадæй, цæй тыххæй сæфы авиатахты мидис.

Фиппаинæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]

  1. Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай ? Дзæуджыхъæу, Ир, 1993 ? 469 ф.