Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Зæххастæуденджызон бæстыхъæд
Зæххастæуденджызон бæстыхъæд
(кæнæ
Зæххастæуы денджызы регионы бæстыхъæд
) у
Зæххастæуы денджызы
алфмабылай территориты типикон чи у, ахæм
бæстыхъæд
(климæт). Арæх æмбæлы континентты ныгуылæйнаг былгæрæттыл,
экваторæй
цæгатырдыгæй æмæ хуссарырдыгæй, йæ уæрхад 30° æмæ 45° кæмæн у, уыцы рæтты. У
субтропикон бæстыхъæды
хуыз.
Зæххастæуы денджызы бассейны уæлдай, зæххастæуденджызон бæстыхъæд ма ис ахæм рæтты:
Калифорнийы
дзæвгар хайы,
Хуссар Африкæйы Республикæйы
провинци
Ныгуылæн Кейпы
,
Чилийы
ныгуылæйнаг хайы,
Ныгуылæн Австралийы
былгæрон районты æмæ
Хуссар Австралийы
æрдæгсакъадах Эйры
.
Амынд зонæты æдде иуæй-иу ран æмбæлы ма, зæххастæуы бæстыхъæдмæ хæстæг чи у, ахæм
микроклимат
.
Сурзæххыл заххæастæуденджызон бæстыхъæд, уæрхад куыд уæлдæр кæны, афтæ рахизы
фурдон
(
уырыс.
океанический
) æмæ
денджызгæроны
(
уырыс.
приморский
) бæстыхъæдтæм.
Перты
(
Австрали
)
сæрд
вæййы æнтæф æмæ хус (суткæйы иууыл бæрзонддæр температурæ у 30 °C, баддзæгты (
уырыс.
осадки
) бæрц декабрь-февралы у 34 мм),
зымæг
та уымæл æмæ уазалгомау (суткæйы иуыл бæрзонддæр температурæ у 8 °C, баддзæгты бæрц июнь-августы у 450 мм). Уый у зæххастæуденджызон бæстыхъæды типикон дæнцæг.