Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Согъд, нæ э. а. 300 аз
Согъд
(
Согдианæ
æмæ
Сугъд
дæр;
тадж.
Су?д
) уыди ирайнаг адæмты рагон цивилизаци. Согъдмæ хаудтой
Самарканд
,
Бухара
,
Худжанд
æмæ Кешы (Шахрибазары) зæххытæ.
Историктæ Согъды тыххæй цы зонынц, уымæй бирæ базыдтой, согъдаг æвзагыл цы фыстытæ баззади, уыдонæй. Согъдаг адæм фыстой
сæхи алфавитæй
,
гæххæттыл
, царм æмæ бæласы къалиуттыл.
Согъды цæрджытæ дзырдтой
согъдаг æвзагыл
, уый уыд
рагон ирон (алайнаг) æвзагæн
тынг хæстæг. Согъдаг æвзагæй баззад
≪ног согъдаг≫ (ягънобаг) æвзаг
(йæ дзурджытæй фылдæр цæрынц
Таджикистаны
), у тæссаг уавæры.