한국   대만   중국   일본 
Мæргътæ ? Википеди Перейти к содержанию

Мæргътæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мæргътæ
Мæргътæ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Мæргътæ
Латинаг ном
Aves Linnaeus , 1758
ITIS 174371
NCBI 8782

Маргъ , цъиу , бирæон нымæц: мæргътæ , цъиутæ ( лат.   Aves ) у рагъыстæгджын цæрæгойты хъармтуг айкæфтауæгты кълас, сæ минæвæрттæ хицæн кæнынц уымæй, æмæ сæ буар вæййы базыртæй конд æмæ сæ раззаг уæнгтæ сты ивд тæхыны фæрæзтæм ? базыртæм (кæцы мæргъты хуызтæ нæ зонынц тæхын, уыдон сты æнæ райхæлгæ базыртæ).

Фыццагæй дæр мæргъты буар уыди тæхынхъом арæзт, фæлæ ныр ис бирæ æнæтæхæг мæргътæ. Ноджы ма иу хицæнгæнæн миниуæг у ? бырынкъ (цъиубырынкъ).

Зæххыл абоны онг ис 9792 алыхуызон мæргътæ (2007 азы рардтæм гæсгæ), Уæрæсейы сæ ис ? 657 ахстонгæнæг хуызы, фæлæ иууыл-иумæ та дзы нысангонд сты 789 хуызы, се ’хсæн 125, кæдонæн с’ ахстонгæнæн æвдыст нæу, æмæ 7 та быныскъуыд хуызы. Мæргътæ сты цыппарвадонты уæлкъласы æппæты æндæрхуызондæр къорд. Мæргътæ бынат кæнынц Зæххы къорийы алы экосистемæйы дæр Арктикæйæ Антарктикæмæ .

Зонад, кæцы иртасы мæргъты æмæ цъиуты хуыйны орнитологи .

Этимологи [ ивын | Бындур ивын ]

Ныхас ≪маргъ≫ цæуы ирайнаг *mrga-мæ, нысан кæны "маргъ". Абар. перс. murγ, (диал.) marγ "маргъ", пехл. murγ "маргъ"; перс. murγ?b?, курд. mir?w? " бабыз " (доны маргъ), бел. murg, murγ; афгъ. marγa marγ? "маргъ", пам.сгл. m?rγ?k, marγ?k " сырддонцъиу ". [1]

Фиппаинæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]

  1. Абайты Васо . Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II-æм том