Дзæуджыхъæуы троллейбус

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дыккаг маршруты троллейбус Тельманы уынджы
Дыккаг маршруты троллейбус Ватутины уынджы , центрон базармæ ’ввæхс

Дзæуджыхъæуы троллейбус ? троллейбусон транспорты системæ Дзæуджыхъæуы , куыста 1977-æм азæй 2010-æм азы онг.

Истори [ ивын | Бындур ивын ]

1960-æм азты сахары администраци бауынаффæ кодта, автобусон æмæ трамвайон системæтæ сахары цæрджыты ласынæн кæй фаг не сты, уый. 1969 азы райдыдтой троллейбусон депо аразын Гастеллойы уынджы , гарзæгтæаразæг заводмæ ’ввахс [1] .

Пъланмæ гæсгæ троллейбус хъуамæ скуыстаид 1975 азы, фæлæ системæйы объекттæ цæттæ уыдысты æрмæст 1976 азы, уыцы аз троллейбустæ дæр æрбарвыстæуыд. Троллейбусты шофыртæн практикæ уыди Астраханы . Фыццаг троллейбус уынгты рацыди 1976 азы 29 декабры [1] . 1977 азы 1 февралæй регулярон ранывæзтмæ гæсгæ цæуынц ныры онг [2] .

Джызæлмæ дæр хъуамæ цыдаид Дзæуджыхъæуы троллейбус, фæлæ уыцы пълан нæ фæрæстмæ. Цы цæджындзтæ сæвæрдæуыд, уыдон 1999 азы ракъахтой æмæ арвыстой Цхинвалмæ ? уым троллейбусон хыз ногæй скусын кæнын.

Кæддæры 6 маршрутæй Дзæуджыхъæуы баззадис æрмæст маршрут №2 [2] . 2010-æм азы 9 августæй фæстæмæ уый дæр нал кусы.

Фиппаинæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]

  1. 1,0 1,1 Тархов С. А. Владикавказскому трамваю ? 100 лет . // Вестник городского электрического транспорта России, № 4 (61). М., 2004.
  2. 2,0 2,1 Троллейбусные города России. Владикавказ