Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Грозна
(
цæц.
Соьлжа-ГIала
: ≪
Сунжæйы
сахар≫,
уырыс.
Грозный
) у
Уæрæсейы
сахар,
Цæцæны Республикæйы
сæйраг сахар. Цæрынц дзы 291,7 мин адæймаджы (2017). Сахар лæууы
цæугæдон Сунжæйы
фæйнæфарс.
Сахар райрæзтис, йæ бынаты цы Грознайы фидар уыдис, уыцы ран. Фидарæн та йæ бындур æрæвæрдта
инæлар Ермолов
1818-æм азы
. Службæ дзы кодтой
Лев Толстой
æмæ
Михаил Лермонтов
.
1893-æм азы
Грознайы цур райдыдтой
нефт
къахын, æмæ сахар сси ахсджиаг индустрион центр.
Цæцæны быцæуы
рæстæг сахар стыр зиан баййæфта (
1994
,
1996
æмæ
1999
азты). Ныр та йæ ногæй рацаразынц.
2007-æм азы
мартъийæ сахары администрацийы хицау у
Муслим Хучиев
, политикон парти ≪
Иугонд Уæрæсе≫
-йы Цæцæны хайады сæргълæууæг.
2008-æм азы
октябры Грознайы байгом
Европæйы
стырдæр
мæзджыт
? ≪
Цæцæны зæрдæ≫
. Мæзджыт хæссы президент Ахмат Кадыровы ном. Мæзджыты аразынæн стыр æххуыс кодтой
туркæгтæ
: йæ къултæ сты туркаг
мармæрæй
æмбæрзт, мидæгæй дзы ис туркаг фирмæ ≪Устун Авизе≫-йы конд 36 люстрæйы. Мæзджыт цы зæхх ахсы, уымæн йæ фæзуат у 14 гектары.