Хорхе Луис Борхес
|
---|
исп.
Jorge Luis Borges
|
|
Гуырæн ном
|
исп.
Jorge Francisco Isidoro Luis Borges Acevedo
|
Райгуырды датæ
|
1899-æм азы
24 августы
(
1899-08-24
)
[1]
[2]
[…]
|
Райгуырæны бынат
|
|
Мæлæты бон
|
1986-æм азы
14 июны
(
1986-06-14
)
[1]
[2]
[…]
(86 азы)
|
Мæлæты бынат
|
|
Æмбæстонад (дæлхицауад)
|
|
Архайды хуыз
|
тæлмацгæнæг
,
библиотекарь
,
литературон критик
,
сценарист
,
фыссæг
,
поэт
,
публицист
,
эссеист
|
Жанр
|
поэзи
,
радзырд
[d]
æмæ
эссе
[d]
|
Уацмысты æвзаг
|
францаг
,
англисаг
,
немыцаг
æмæ
испайнаг
[6]
|
Хорзæхтæ
|
|
Автограф
|
|
Викикъæбицы медиа
|
Хорхе Луис Борхес
(
исп.
Jorge Luis Borges
[
?xo?xe lwis ?bo?xes
],
æнæхъæн ном
Jorge Francisco Isidoro Luis Borges
; райгуырдис 1899-æм азы 24 августы
Буэнос-Айресы
? амардис 1986-æм азы 14 июны
Женевæйы
) уыдис
аргентинæйаг
прозаик
,
поэт
æмæ публицист. 1920-æм азты сси зындгонд куыд
Латинаг Америкæйы
поэтикон
авангардизмы
бындурæвæрджытæй иу.
XX æнусы
дунейы зындгонддæр литературон кусджытæй иу.
Хорхе Луис райгуырдис Буэнос-Айресы аргентинæйаг фыд адвокат Хорхе Борхес æмæ
уругвайаг
мад Исидорæ Асеведойы бинонты
[7]
.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ фыдæлты ’хсæн уыдысты
баскæгтæ
,
андалузæгтæ
,
англисæгтæ
,
португайлæгтæ
,
нормандиæгтæ
æмæ, чи зоны,
дзуттæгтæ
дæр
[8]
. Сæхимæ бинонты ’хсæн пайда кодтой испайнаг æмæ англисаг æвзæгтæй, чысыл лæппу дæр билингвæй рæзтис
[9]
. Хорхе Луис йæ сабибонтæй æнувыд уыдис поэзийыл, кæсын æмæ фыссын базыдта цыппараздзыдæй. 1905-æм азы райдыдта, англисагау чи дзырдта, уыцы ахуыргæнæгимæ ахуыр кæнын. 1906-æм азы ныффыста йæ фыццаг радзырд испайнагау ? ≪La visera fatal≫.
Скъоламæ бацыдис 9-аздзыдæй ? уайтагъд цæппæрæм къласы. Йе ’мкъласонтæ уымæй хуынджылæг кодтой, ахуыргæнджыты бон та нæ уыд исты ногдзинад лæппуйæн радзурын. Хорхейы ныййарджыты фæндыдис, цæмæй сæ фырт фыссæг суа.
Йæ фыдæн цы цæстыты низ уыдис, уый дзæбæх кæнынæн бинонтæ ацыдысты
Швейцаримæ
. Женевæйы куы цардысты, райтынг ис
фыццаг дунеон хæст
æмæ йæ кæронмæ фæцардысты уыцы сахары. Уым Хорхе сахуыр кодта францаг æмæ немыцаг æвзæгтæ, францагау фыста æмдзæвгæтæ дæр.
Хæст куы фæцис, Хорхе Луис иучысыл ацардис
Испанийы
, уым бацыдис
утраистты литературон змæлдмæ
. 1921-æм азы фæстæмæ Буэнос-Айресмæ раздæхтис.
1950-æм азы
æвзæрст æрцыдис Аргентинæйы фысджыты цæдисы сæрдарæй, уыцы бынаты куыста æртæ азы дæргъы.
1952-æм азы
рухс федта, Аргентинæйы цæрджытæ цы испайнаг æвзаджы здæхтæй дзурынц, уый тыххæй Борхесы эссе, ≪Аргентинæйæгты æвзаг≫, зæгъгæ. 1955-æм азы
Сæрибаргæнæн революцийы
фæстæ Борхесы снысан кодтой Аргентинæйы национ библиотекæйы директорæй, уыцы бынаты куыста 1973-æм азы онг, кæд æмæ йæ уынц бынтон слæмæгъ и, уæддæр.
1986-æм азы ралыгъдис Женевæйы цæрынмæ, уым уыцы иу аз амардис 86-аздзыдæй игæр æмæ рæуджыты низæй. Ныгæд ис Женевæйы Пленпалейы уæлмæрдты. Йæ архив дарынц
Техасы университеты
.
Архивгонд æрцыдис
7 ноябры 2017 азы.
- Тексттæ