한국   대만   중국   일본 
Æвзагзонынад ? Википеди Перейти к содержанию

Æвзагзонынад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æвзагзонынад ( æвзагахуырад дæр, лингвистикæ дæр) у, æвзæгтæ чи иртасы, ахæм зонад .

Æвзагзонынадæн йæ иртасинаг у:

  • адæймаджы æвзаг æмткæй; алы æвзаджы дæр цы ис, уый ( иумæйаг æвзагзонынад );
  • конкретон æвзæгтæ сæрмагондæй ( сæрмагонд æвзагзонынад ).

Æвзаг иртасынæн цæттæ нæу, лингвист æвзаджы системæ ныхасы факттæй рацаразы. Ныхасы архайды фæстиуæгæн фæзынынц тексттæ ? гъе тексттæ иртасынæй базонæн и æвзаджы структурæ. Иуæй-иу хатт системæйы хицæн хæйттæ сбæлвырд кæнынæн аразынц лингвистикон эксперименттæ дæр.

Æвзагзонынады иртæстытæ ахъаз сты æвзæгтæ ахуыр кæнынмæ, кæссын-фыссыны зонындзинæдтæ парахат кæнынмæ, дзырдуæттæ æмæ тæлмацгæнæн программæтæ аразынмæ, ног терминтæ æрымысынмæ æмæ афтæ дарддæр.

Къабæзтæ [ ивын | Бындур ивын ]

Иумæйаг æмæ сæрмагонд æвзагзонынады иртæст цæуы æвзагон системæйы алы къæпхæн дæр:

Номдзыд иртасджытæ [ ивын | Бындур ивын ]

Æвзæгты бирæхуызондзинад [ ивын | Бындур ивын ]

Æвзагзонынады сæрмагонд хæйттæ сæ иртасинагмæ гæсгæ дих кæнынц афтæ:

Цардæгас æвзæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]

æмæ æндæртæ.

Мард æвзæгтæ [ ивын | Бындур ивын ]

æмæ æндæртæ.