한국   대만   중국   일본 
Касаты Батрадз ? Википеди

Касаты Георгийы фырт Батрадз райгуырдис 1950-æм азы Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы (ныртæккæ уыцы районæн ис æндæр ном æмæ хауы Мæхъхъæлы Республикæмæ ). Фæстæдæр Касаты бинонтæ ралыгъдысты Олгинскæмæ . Ам Батрадз каст фæци астæуккаг скъола æмæ дыууæ азы æфсады фæуыны фæстæ кусын райдыдта заводы.

Касаты Батрадз
Райгуырды датæ 1950-æм азы 18 майы ( 1950-05-18 ) (73 азы)
Райгуырæны бынат хъæу Нарон , Хетæгкаты Къостайы район
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз журналист, поэт, тæлмацгæнæг
Здæхт уацмыстæ
Уацмысты æвзаг ирон æвзаг
Æддаг видео
Касаты Батрадз радзуры йæ царды хабæрттæ (телеуынынады алæвæрд, 2019-æм аз)
https://iryston.tv/teleproject_release/kasaty-batradz/

1973 ? 1978 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты. Каст æй куы фæци, уæд кусынмæ бацыдис республикæйы телевизион студимæ ( 1978 ? 1984 ), стæй раивта газет ≪Рæстдзинад≫-ы редакцимæ ( 1984 ? 1986 ). Ноджы куыста ЦИПУ-йы чиныгуадзæны ( 1989 ? 1993 ), Цæгат Ирыстоны радиойы . 1993 ? 2015 азты уыди республикæйы парламенты аппараты культурæйы комитеты консультант [1] . 2015-æм азæй фæстæмæ та кусы газет ≪Рæстдзинад≫-ы уацхæссæгæй.

Батрадз литературон куыстыл фæцалх, скъоладзау ма куы уыди, уæд. 1985 азы йын чиныгуадзæн ≪Ир≫-ы рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд ≪Уалдзæджы хъæр≫, 1994 азы ? ≪Зилдухæнтæ≫, 2008 азы та ? ≪Удцырагъ≫. Газет ≪Рæстдзинад≫-ы фæзындис уыцы фæстаг æмбырдгонды тыххæй Абайты Эдуарды рецензи [2] .

Литературæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ирон поэзийы антологи. // ≪Мах дуг≫, №3/2008.
  2. Рæстдзинад №241, 2008 азы 25 декабрь, ф. 4.